Хуссар Иры президент хайад райсдзæн Петербургаг æхсæнадæмон экономикон форумы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 13 июн - Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан хайад райсдзæн Петербургаг æхсæнадæмон экономикон форумы, фехъусын кодта дыццæджы паддзахады сæргълæууæджы пресс-службæ.
Хуссарирыстойнаг делегацийы сконды ма сты вице-премьер – экономикон райрæзты министр Тадтаты Дзамболат, республикæйы минæвар Уæрæсейы Гасситы Знауыр, РХИ базарадон минæвар Уæрæсейы Таймураз Гогинов.
"Форумы фæлгæтты бафысдзысты къорд бадзырды Уæрæсейы Федерацийы субъекттимæ базарадон-экономикон, зонадон-техникон æмæ социалон-культурон фадгуыты", - банысан кодтой пресс-службæйы.
Афтæ ма паддзахады сæргълæууæг хайад райсдзæн форумы пленарон рабадты æмæ ауадздзæн фембæлдтæ политиктæ æмæ бизнесментимæ.
Петербургаг æхсæнадæмон экономикон форум ацæудзæн 14-17 июны.