ЦХИНВАЛ, 13 июн — Sputnik. Мæздæджы баххæст кодтой æрвылазон сывæллæтты ныв кæныны конкурс "Голос детства"-йы фæстиуджытæ. Уый тыххæй хъусын кæны 15 Регион.
Сывæллæттæ æрбавдыстой куыстытæ номинацитæ "Нывкæнын", "Графикæ", "Декоративон-æмхасæнон сфæлдыстад". Æртæ кары къорды сывæллæтты ᾿хсæн равзарыны фæстиуæгæн банысангонд æрцыдысты 66 сывæллоны куысты.
"Куыд жюрийы минæвар, афтæмæй мæ бон у банысан кæнын, сывæллæтты куыстытæ дисы кæй æфтауынц, сты хъарм æмæ уарзондзинадæй ифтонг, сæ алы хаххы дæр ис хорздзинад. Тынг æхсызгон у уыцы хъуыддаг дæр æмæ конкусры хайадисджытæ къаддæр кæй нæ кæнынц, фæлæ сывæллæттæ сæхи ᾿лвасынц аивадмæ", - загъта Дзæуджыхъæуы епархийы протоиерей динон ахуырад æмæ катехизацийы фадыджы къухдариуæг Артемий Пономаренко.
Бансангонд æрцыди, мадзал кæй ауагъдæуыд курдиатджын сывæллæтты рабæрæг кæнын, афтæ ма профессионалон сфæлдыстадон дæсныйад райрæзын кæнын куыд сывæллæтты аивадон скъолаты ахуырдзауты, афтæ сæ ахуыргæнджыты ᾿хсæн дæр.