Хуссар Иры æххуысхъуаг бинонтæй рауагъдонтæн баххуыс кæндзысты дарæсимæ скъолайы балмæ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 14 июн – Sputnik, Гæбæраты Элина. Хуссар Ирыстоны Æхсæнадæмон хыгъдон банк финансон æххуыс бакодта республикæйы рауагъдонтæн. Уый тыххæй Sputnik-æн фехъусын кодта Ахуырады министрады дæлбар скъолайы агъоммæ, иумæйаг, уæлæмхасæн ахуырад æмæ социалон хъахъхъæнынады дæлхайады хистæры хæдивæг Цхуырбаты Вильма.
"Коммерцион Банк Хуссар Ирыстоны "Æхсæнадæмон Хыгъдон Банк" Ахуырад æмæ зонады министрадимæ иумæ материалон æххуыс бакодта республикæйы скъолаты 11 кълæсты ахуырдзаутæн скъолайы балмæ дарæс балхæныны хъуыддаджы. Æххуыс бакодтой рауагъдонтæн, кæцыты ныййарджытæм фæрæзтæ нæй сæ сывæллæтты бæрæгбонон дарæсæй сифтонг кæнынæн", - банысан кодтой министрады.
Материалон æххуыс бакодтой 56 рауагъдонæн – уыдонæй алкæцы дæр райста банчы кассæйæ фæйнæ 26 880 сомы.