Хуссар Иры Цхинвалы районы рабæрæг кодтой газы ифтонгады 44 фæткхалды

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 14 июн - Sputnik. Фадыгон милицийы кусджытæ æмæ уголовон агуырды кусджытæ газы службæйы кусджытимæ басгæрстой Хуссар Ирыстоны Цхинвалы районы газы гарзæгты расткусынад 100-йæ фылдæр хæдзары, рабæрæг кодтой 44 фæткхалды, хъусын кæны республикæйы МХМ пресс-службæ.
Басгæрсттæ цыдысты хъæутæ Гудзабар, Мамысонтæ, Тъбет æмæ Ногхъæуы, газы службæйы специалисттæ сæ хъус аздæхтой газы гарзæгты расткусынадмæ æмæ фæздæджы хæтæлты уæлдæфы змæлдмæ.

"Мадзалы рæстæджы басгæрстæуыд 100-йæ фылдæр сæрмагонд хæдзæрттæ, рабæрæг ис 44 фæткхалды газы гарзæгтæй пайда кæнынады", - банысан кодтой МХМ.

Куыд банысан кодта аварион-диспетчерон газы службæйы сæргълæууæг Гаглойты Зауыр, афтæмæй цæрджытæм сæ фылдæрмæ рабæрæг ис хъармгæнæн ифтонгад æмæ газы колонкæты фæздæгдзонтæ æдасдзинады домæнтæм дзуапп кæй нæ дæттынц, уыцы проблемæтæ æмæ йæ ныхæстæм гæсгæ ацы уавæр сраст кæндзысты æввахс рæстæджы.