Украинӕйы Гарзджын тыхтӕ фехстой спиртзавод Курскы областы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 14 июн - Sputnik. Курскы областы губернатор Роман Старовойт йӕ Telegram-каналы фехъусын кодта спиртзавод фехсыны тыххӕй Теткинойы поселочы.
"Теткинойы поселочы спиртзаводы ис технологион хӕххытӕ ӕмӕ электроифтонгады фехӕлдтӕ", - дзырдӕуы публикацийы.
Губернаторы ныхӕстӕм гӕсгӕ, Глушковы районы арӕнгӕрон районтӕ абон райсомӕй ногӕй фехстой Украинӕйы территорийӕ.
Старовойт бафтыдта, зӕгъгӕ, ма фехстой хъӕутӕ Коровяково ӕмӕ Попово-Лежачи, фӕлӕ дзы фехӕлдтӕ нӕй.