Гаглойты Алан сæвæрдта дидинтæ Беслæны амæттæгты Монументмæ Санкт-Петербурджы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 15 июн - Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан сæвæрдта дидинтæ Беслæны амæттæгты Монументмæ Санкт-Петербурджы, хъусын кæны паддзахады сæргълæууæджы пресс-службæ.
Дидинтæ сæвæрыны церемонийы хайад райстой Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Сергей Меняйло, РЦИ-Аланийы хицауады сæрдар Джанайты Борис, Хуссар Ирыстоны минæвар Уæрæсейы Гасситы Знауыр, Санкт-Петербурджы ирон диаспорæйы минæвæрттæ.
Дидинтæ сæвæрыны фæстæ Гаглойты Алан бабæрæг кодта Мад Майрæмы Аргъуан, кæцыйы раз ис Беслæны амæттæгты цыртдзæвæн.