ЦХИНВАЛ, 15 июн — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Ленингоры районы оперативон кусджытæ агрономы хайадистимæ систой наркотикон буарадимæ зайæгойы 48 къутæры. Уый тыххæй хъусын кæны республикæйы МХМ пресс-службæ.
"Ленингоры районы Мидхъуыддæгты хайады кусджытæ ссардтой хъæддаг гæны зайæн бынат Цъубены хъæуы цæгатварс", - дзырдæуы хъусинаджы.
Уагдоны куыд банысан кодтой, афтæмæй истгонд зайæгойон æрмæг æрвыст æрцыд бæрæг кæнынмæ МХМ экспертон-криминалистон центрмæ.