Нæ дуæрттæ сты гом: Самарайы политехы ректор ХИПУ-имæ æмгуыстады тыххæй

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 15 июн – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты рауагъдонтæн ацы азæй фæстæмæ фадат уыдзæн бацæуын Самарайы паддзахадон техникон университеты аспирантурæмæ, загъта Sputnik-æн ахуыргæнæндоны ректор Дмитрий Быков.
Цхинвалы цыппæрæмы бафыстой бадзырд æмгуыстады фæдыл ХИПУ æмæ Самарайы политехы æхсæн.
Цхинвалы бафыстой бадзырд æмгуыстады фæдыл ХИПУ æмæ Самарайы политехы æхсæн.
Быковы ныхæстæм гæсгæ, документмæ гæсгæ æмгуыстад кæндзысты, сæйраджыдæр, технологитæ аразын æмæ уæлдæр квалификацийы зонадон кадртæ цæттæ кæныны фадыджы.
"Мах цæттæ стæм бакæнын нæ лаборатариты дуæрттæ, дæттын советтæ диссертациты фæдыл, афтæ ма цæттæ стæм кусын Хуссар Ирыстоны паддзахадон университетæн. Ахуырадон уагдæттæ хъуамæ æмархайд кæной алыгъуызон къабазты", - загъта ректор.
Дмитрий Быков ма радзырдта йæ тæлмæнты тыххæй Хуссар Ирыстонæй æмæ банысан кодта, фыццаг хатт кæй ис республикæйы.
Ректоримæ республикæмæ æрцыд Хуссар Ирыстоны раздæры премьер-министр Хуыгаты Ростислав. "ЮОГУ-ТВ" бацæттæ кодта зындгон меценаты тыххæй чысыл киноныв.
Абон ма ХИПУ-йы бакæндзысты Уæрæсейы нывгæнджыты Цæдисы уæнг Хаситы Петры равдыст.
Дмитрий Быков