Нарты кадджытæ. Уырызмæджы мæсыг

Sputnik
Нарты Уырызмæг рахъомыл ис æмæ хъуыдытæ кодта: "Ныр лæджы ранмæ рацыдтæн, ис мын æфсымæр – Хæмыц. Мемæ нæ фидауы ‘рмæстдæр ууыл, æмæ фаззæттæ стæм æмæ кææдзийæн бар нæ дæдтæм – ус чи раздæр æрхæсса, ууыл у нæ быцæу. Хæмыц рхæсса – æмæ уæд Нартæн мæнæй цæй хистæр ис, чи мæ бафæрсдзæни зондæй? Зæгъдзысты, Нарты хистæр хистæр Хæмыц у, æмæ ма ды та чердæм хистæр кæныс дæхицæй? Мæхи та афтæ фæнды, æмæ ус дæр æз æрхæссон раздæр, стæй хистæрæн дæр æз баззайон".
Хъуыды кодта Уырызмæг. Хуыздæр амал нæ ардта æмæ зæгъы йæхицæн: "Йехх, фæцæуон мæ мадырвадæлтæм, Донбеттыртæм, уыдон мын кæд исты бацамониккой".
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.