Хуссар Иры МХМ æмæ сæрмагонд уагдæтты къухдариуæггæнджытæ æрхæццæ сты Цæгат Ирыстонмæ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 16 июн – Sputnik. Цæгат Ирыстоны кусæгон балцимæ ис Республикæ Хуссар Ирыстоны МХМ делегаци милицийы инæлар-майор Гуыцмæзты Аланы сæргълæудæй . Уый тыххæй майрæмбоны хъусын кæны хуссарирыстойнаг МХМ пресс-службæ.
Делегацийы сконды – министры хæдивджытæ, сæрмагонд службæты къухдариуæггæнджытæ, афтæ ма Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Мидхъуыддæгты министрадты иумæйаг ИКЦ сæргълæууæг Василий Шепелев.

"Балцы фæлгæтты сæххæст уыдзæн РХИ МХМ æмæ РЦИ МХМ дыварсон комитеты фембæлд, æрныхас кæндзысты дыууæ министрады иумæйаг куысты тыххæй", - дзырдæуы хъусинаджы.

Уымæй дарддæр Хуссар Ирыстон æмæ Цæгат Ирыстоны мидхъуыддæгты министрадты кусджыты ᾿хсæн ацæудзысты æхсæнадæмон хæларадон хъæзтытæ "Боевое братство".