Хуссар Иры 50 дохтыры бӕрц рацӕудзысты квалификаци фӕбӕрзонддӕр кӕныны курсытӕ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 19 июн - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрады 45 дохтыры рацӕудзысты квалификаци фӕбӕрзонддӕр кӕныны курсытӕ. Уый тыххӕй Sputnik пресс-центры радзырдта министры хӕдивӕг Сиукъаты Родион.
"Сентябры 45 дохтыры рацӕудзысты курсытӕ. Ахуыртӕ уадздзысты Уӕрӕсейы фӕсдипломон ахуыры медицинон академийы кусджытӕ", - загъта Сиукъаты Родион.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ныридӕгӕн ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрад уадзы бадзырдтӕ, цӕмӕй ахуыртӕ Хуссар Ирыстоны минӕвӕрттӕн уой ӕнӕаргъӕй. Курсытӕ цӕудзысты 6 сентябрӕй 10 октябрьмӕ