Хуссар Иры парламент райста закъоны проект бюджетмæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 19 июн - Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны парламенты депутаттæ къуырисæры сразы сты бюджетмæ ивындзинæдтæ бахæссын æмæ райстой æмбæлон закъон.
Бюджеты фæдыл парламенты комитеты сæргълæууæг Джиоты Елена банысан кодта, ивындзинæдтæ æнæмæнг кæй уыдысты, цæмæй Æхсæнхицауадон къамисы æмсæрдарты уынаффæтæ равдисынæн.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, иннæ мадзæлттæй дарддæр ма банхъардтой финансты хай ногæй рауарын соцэкономрайрæзтæн, электроэнергийы хæсты хайы бафидыны тыххæй.
Уымæй дарддæр ма фæфылдæр уыдзæн цалдæр унитарон амалиуæгады субсиди кæнынад, уыдон сты – автотранспорты фæткдаруат, Водоканал, Ирагропромсервис æмæ Энергоресурс.
Уымæ гæсгæ бюджеты хæрдзтæ сты 666 млн сомæй чысыл фылдæр.
"Ивындзинæдтæ бахынцгæйæ бюджеты æфтиæгтæ сты 8,8 млрд чысыл фылдæр, хæрдзтæ – 9,6 млрд сомы. Уыимæ иумæ дефицит уыдзæн 817 млн сомы", - банысан кодта Джиоты Елена.
Уый размæ хицауады рабадты банысангонд æрцыд, ивындзинæдты хай кæй у баст Инвестпрограммæйы финанс кæнынимæ.