Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрад бакӕндзӕн "тӕвд лини"

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 20 июн - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрады бакӕндзысты "тӕвд лини", цӕй фӕрцы адӕмӕн фадат уыдзӕн сӕ проблемӕйы тыххӕй фехъусын кӕнын уагдонмӕ. Уый тыххӕй радзырдта Sputnik пресс-конференцийы рӕстӕджы ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министры хӕдивӕг Сиукъаты Родион.
"Ацы фӕнд уыд президенты ныстуаны ӕмӕ нын ӕй бантыст сӕххӕст кӕнын. Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрады специалист дзуапп дӕтдзӕн адӕмы фарстытыл ахӕм номырыл - 8929-807-86-89. Фӕдзурӕн уыдзӕн райсом фараст сахатӕй изӕры ӕхсӕз сахатмӕ", - загъта Сиукъаты Родион.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, телефон скусдзӕн ӕртыццӕгӕй ӕмӕ йе 'руаджы лыг цӕудзысты проблемон фарстытӕ.