ЦХИНВАЛ, 20 июн - Sputnik. Гуырдзыстон 1920 азы цы геноцид сæххæст кодта, уый уыд катастрофæ ирæттæн. Уый тыххæй дзырдæуы Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Аланы ныстуаны нацимæ 1920 азы геноциды 103-æм афæдзы боны цытæн.
Паддзахады сæргълæууæг зæрдыл æрбалæууын кодта, геноциды амæттæгтæ кæй баисты мингай ирæттæ – сылгоймæгтæ æмæ 7нæлгоймæгтæ, сывæллæттæ æмæ карджын адæм.
"Хуссар Ирыстон 1920 азы геноциды фесæфта мингай адæмы. Геноцид ссис æцæг демографион катастрофæ, нæ адæмы сомбоныл стыр цæф. Трагеди сæмбæлд Хуссар Ирыстоны алкæцы бинонтыл дæр", - банысан кодта Гаглойты Алан.
Саразгæ фыдракæнды фæдыл бæрндзинад нæ хæсгæйæ, Гуырдзыстоны бауырныдта, йæ бон кæй у скъуыддзаг кæнын æндæр адæмты хъысмæт. Уыдон æххæст кодтой ирæтты æмæ æндæр адæмты тыхæй аасимиляци, æлхъывтой националон культурæтæ æмæ националон æвзæгтæ. Уыдон иууылдæр уыдысты Тбилисы режимы æрвылбонон практикæ дæсгай азты дæргъы, Советон Цæдисы фехæлды фæстæ та ирæттæ ногæй бавзæрстой Гуырдзыстоны гæрзифтонг агресси 1990 азты райдианы, 2004 æмæ 2008 азты.
Геноциды трагедимæ æнæкæсгæйæ Хуссар Ирыстоны адæм фидар фæлæууыдысты æмæ историон уæлахиз сæ къухты бафтыд, уыдон сæндидзын æмæ сфидар кодтой алайнаг паддзахаддзинад, æмæ Уæрæсейы Федерацийы æххуысæй æмæ Республикæйы хæдбардзинад банымайыны фæстæ та Хуссар Ирыстоны зæхмæ æрцыд сабырдзинад.