ЦХИНВАЛ, 20 июн - Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны юстицийы министрад æмæ Уæрæсейы тæрхондоны пъырыстъыфты Федералон службæ бафыстой меморандум æмгуыстады фæдыл.
Документ бафыстой Цхинвалы дыццæджы, сæ къухфыстытæ æрывæрдтой юстицийы министр Гаглойты Олег æмæ УФ тæрхондоны пъырыстъыфты Федералон службæйы директор Дмитрий Аристов.
РХИ юстицийы министрад æмæ УФ тæрхондоны пъырыстъыфты службæ бадзырдтой æмгуыстадыл
© Sputnik / Natalia Airiyan
Документ бафыссыны церемонийы хайад райстой президент Гаглойты Алан æмæ Уæрæсейы минæвар Хуссар Ирыстоны Марат Кулахметов.
Паддзахады сæргълæууæджы зæрдæ загъта фарсытæн амонд æмæ пайдаджын æмгуыстад.