ЦХИНВАЛ, 21 июн - Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстон ацы аз фæззæджы хайад райсдзæн 29-æм Æхсæнадæмон сæрмагонд равдыст-армукъайы Минскы, фехъусын кодта экономикæйы министр Тадтаты Дзамболат.
Министр банысан кодта, фарстыл ныридæгæн кæй бакуыстой республикæйы базарадон минæваримæ Уæрæсейы Таймураз Гогиновимæ. Равдыст-армукъа ацæудзæн 14-æй 17-æм ноябрмæ.
"Хуссар Ирыстон дарддæр æвдисы йæ продукци æхсæнадæмон базарты. Мах нывæндæм бавдисын Минскы нæ национ экспозици, куыд Инвестицон равдысты Минводты. Бизнесæн лыстæгдзинæдтæ мах фехъусын кæндзыстæм фæстæдæр, гæнæн ис нæ бахъæуа се ‘ххуыс дæр", - бахахх кодта Тадтаты Дзамболат.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, ахæм мадзæлттæ ахъаз сты экономикæ æмæ бизнес-бастдзинæдты райрæзтæн, афтæ ма Белорусиимæ политикон ахастытæ æрнывыл кæнынæн.