Хуссар Ир æмæ Абхазы сæудæджерадон-базарадон палатæтæ сарæзтой иумæйаг проект

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 21 июн – Sputnik, Дзæгъиаты Олег. Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы сæудæджерадон-базарадон палатæты æмархайды фæлгæтты йæ куыст райдыдта валергæсаг хъомыл кæныны фæдыл компани "Эко-Фиш", кæцы ис республикæйы территорийыл. Уый тыххæй Sputnik пресс-конференцийы рæстæджы радзырдта РХИ сæудæджерадон-базарадон палатæйы сæргълæууæг Æлборты Алан.
"Уый у нæ фыццаг иумæйаг коммерцион проект. Ацы компанийы æвæрццаг миниуæг у уый, æмæ регистрацигонд у Хуссар Ирыстоны территорийыл, уый фæдыл компани фæрæзтæ фиддзæн бæстæйы бюджетмæ. Уымæй дарддæр ма дзы уыдзæн 10 куыстбынаты", - загъта Æлборты Алан.
Уый ма бафтыдта, зæгъгæ, "Эко-Фиш" компанийы валергæсаг ныридæгæн ласт цæуы уæрæсейаг базармæ.
Æлборты Алан