ЦХИНВАЛ, 21 июн - Sputnik. Уӕрӕсе ӕмӕ Хуссар Ирыстоны мидхъуыддӕгты органты иумӕйаг информацион-координацион центры (ИКЦ) дыууӕ кусӕджы райстой ӕвдисӕндар тӕрхондоны экспертизӕтӕ аразыны фӕдыл, фехъусын кодта ӕртыццӕджы РХИ Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.
ИКЦ сӕйраг эксперт Дзускаты Сослан ӕмӕ криминалистон хыгъдтӕ ӕмӕ экспертизӕты хайады сӕйраг эксперт Артем Бондаревӕн ӕвдисӕндартӕ радта экспертон-квалификацион къамисы сӕрдар, милицийы инӕлар-майор Тадтаты Петр.
МХМ куыд банысан кодтой, афтӕмӕй экспертон-криминалистон къамис уагдоны арӕзт ӕрцыд 2019 азы, уый руаджы экспертон-криминалистон центры кусджытӕн фадат ис райсын бартӕ хицӕн хуызты экспертизӕтӕ аразынӕн.
Хуссар Иры ИКЦ дыууӕ кусӕджы райстой бар тӕрхондоны экспертизӕтӕ аразынӕн
© Photo : Пресс-служба МВД РЮО