Гаглойты Алан: Хуссар Ирæн Стыр Фыдыбæстон хæсты мысæн у иттæг ахсджиаг

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 22 июн - Sputnik. Хуссар Ирыстонæн Стыр Фыдыбæстон хæсты мысæн у иттæг ахсджиаг. Уый тыххæй дзырдæуы Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Аланы ныстуаны Стыр Фыдыбæстон хæсты райдайæны 82-æм афæдзы боны цытæн.
"Мысæн æмæ фыдохы бон 22 июнь – у Стыр Фыдыбæстон хæсты райдайæны афæдзы бон – историйы иууыл трагикондæр датæтæй иу. 1941 азы райдыдта тугкалæн хæст, кæцы ахаста милуангай цæрдтæ æмæ ныууагъта йæ фæстæ стыр хъæдгæмттæ æмæ сæфтмæдзыд зæхх", - банысан кодта паддзахады сæргълæууæг.
Стыр бæстæйы бирæнацион адæм рацыдысты хæстон зындзинæдтæ, равдыстой удыхъæд, хъæбатырдзинад, æхсар æмæ Фыдыбæстæмæ æнувыддзинад, банысан кодта президент.
Ирон хæстонтæ удуæлдай тох кодтой, цæмæй æрбаввахс кæной Уæлахиз, уыдонæй бирæтæ баззадысты хæсты быдыры æнустæм.
Президент зæрдыл æрбалæууын кодта, Ирыстоны сæрыстыр кæй сты хæстонты стыр сгуыхтдзинæдтæй.
Ацы нысаниуæгджын бон президенты зæрдæ загъта алкæмæндæр сабырдзинад, æмæ республикæйы æмбæстæгтæн та, кæцытæ хайад исынц сæрмагонд æфсæддон операцийы Украинæйы, - фидар æнæниздзинад æмæ цæмæй тагъддæр сæрыгасæй æрызхдæхой сæ хæдзæрттæм.