Хуссар Иры депутаттæ баластой æххуыс СÆО зонæйы архайæг ирон æфсæддонтæн

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 22 июн - Sputnik, Гæбæраты Элина. Хуссар Ирыстоны парламенты депутаттæ радтой гуманитарон æххуыс сæрмагонд æфсæддон операцийы (СÆО) хайадисæг ирон хæстонтæн, фехъусын кодта Sputnik гуманитарон æххуыс æртымбыл кæныны организатор депутат Къуезерты Арсен.
Æххуыс баластой Запорожаг областмæ.
Къуезерты Арсен банысан кодта, раздзог æфсæддонтæ развæлгъау кæй фехъусын кодтой цавæр дзауматæ сæ хъæуы, уый.

"Гуманитарон æххуыс тымбыл кодтой æртæ мæйы дæргъы. Æмбæлон барамынд радта парламенты сæрдар Æлборты Алан. Уаргъы уыдысты хæлцадон продукттæ, цардуагон хими, формæдарæс, бæрзонд миниуджытимæ рацитæ æмæ бирæ æндæртæ. Хъыгагæн уаргъ нæ рауагътой таможнæйæ. Равгæттам уаргъ Ручъы хъæуы æмæ ногæй балæдтам Цæгат Ирыстоны. Уый тыхххæй уаргъы баласт дыуæ суткæ фæрæгмæдæр ис", - радзырдта ныхасæмбал.

Уый ма банысан кодта, бынатмæ æрцæугæйæ йын кæй бантыст ирон æфсæддонтимæ аныхас кæнын.
Æххуыс æртымбыл кæнынæн фæахъаз ис президент Гаглойты Алан, премьер-министр Джуссойты Константин, Нацбанчы сæргълæууæг Джиоты Жанна, афтæ ма бирæ уагдæттæ.
Депутаты ныхæстæм гæсгæ, Знауыры районы амалиуæгдар Плиты Вячеслав радта мыды 50 банкæ, компани "Аландон" æмæ Бæгъитаты завод – сæхи продукци.
Къуезерты Арсен бахахх кодта, абон дæр кæй тымбыл кæнынц фæрæзтæ гуманитарон æххуысы ног партийы арвитынæн.
Уаргъ СÆО зонæмæ баластой депутаттæ Къуезерты Арсен, Остъаты Роберт, Мулдарты Гарри, Гаглойты Алан æмæ Сланты Иван.