ЦХИНВАЛ, 22 июн - Sputnik. Ленингоры районы уголовон фæдагуырды оперативон кусджытæ бынæттон хъæутæй иуы цур ссардтой хъæддаг гæны сæдæйæ фылдæр къутæры, хъусын кæны Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрады (МХМ) пресс-службæ.
"Ленингоры районы мидхъуыддæгты хайады кусджытæ профилактикон мадзæлтты рæстæджы ссардтой Абреуы хъæуы кæрæтты хъæддаг гæны 115 къутæры", - дзырдæуы хъусинаджы.
Министрады банысан кодтой, наркотикон буарадимæ зайæгойтæ кæй арвыстой МХМ экспертон-криминалистон центрмæ басгарынмæ.