Хуссар Иры 80-йӕ фылдӕр абитуриенты равзӕрстой ЦКХМИ уӕлдӕр ахуырад райсынӕн

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 23 июн – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны 80 бӕрц абитуриенты райсдзысты уӕлдӕр ахуырад Цӕгат-Кавказаг хӕххон-металлургон институты (ЦКХМИ), фехъусын кодта Sputnik пресс-конференцийы рӕстӕджы ахуыргӕнӕндоны ректор Игорь Алексеев.
Ректор ӕрцыд республикӕмӕ экспертты къорды сконды, кӕцытӕ баххуыс кӕндзысты Хуссар Ирыстонӕн сцалцӕг кӕнын хӕххон сӕудӕджерад.
"Нӕ бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, 80 абитуриенты бӕрц равзӕрстой ЦКХМИ, фӕлӕ, мӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, ацы балц ӕмӕ къухдариуӕгады нывӕстыты фӕстӕ, сӕ нымӕц фӕфылдӕр уыдзӕн. Уыдоны ӕртыккаг хай равзӕрстой хӕххон инженери ӕмӕ арӕзтады здӕхт", - фехъусын кодта Алексеев.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, фидӕн къуыри республикӕйы ацӕудзысты фӕлварӕнтӕ Хуссар Ирыстоны абитуриенттӕн.
Игорь Алексеев банысан кодта, ахуыргӕнӕндон фыццаг аз кӕй не ‘мгуыстад кӕны республикӕимӕ, алыхатт дӕр дзуапп дӕтты домӕнтӕн, кӕцытӕ цӕуынц Хуссар Ирыстонӕй.
Игорь Алексеев