ЦХИНВАЛ, 23 июн - Sputnik. Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) кусджытӕ ссардтой столицӕйы дуканитӕй иуы тобӕгонд электронон тамакотӕ, уӕйгӕнӕджы фӕдыл бакодтой административон хъуыддаг, хъусын кӕны Хуссар Ирыстоны МХМ пресс-службӕ.
"Фӕткхалӕджы фӕдыл бакодтой административон хъуыддаг, басгӕрсты фӕстӕ ӕрмӕджытӕ ӕрвыст ӕрцӕудзысты Цхинвалы тӕрхондонмӕ", - банысан кодтой уагдоны.
Хуссар Ирыстоны территорийыл электронон тамакоты реализацийыл тобӕ архайы 2021 азы августӕй фӕстӕмӕ. Фӕткхалджыты фӕдыл законмӕ гӕсгӕ ис ивар административон фӕткхалды ӕрмӕджыты конфискациимӕ.