Хуссар Иры тхэквондисттæ бацахстой призон бынæттæ Астраханы областы турниры

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 26 июн - Sputnik, Гæбæраты Элина. Хуссарирыстойнаг хæстон дæсныйæдты клуб "Рухс сомбон"-ы хъомылгæнинæгтæ райстой дыууæ æвзист æмæ иу бронзæйон майдан Уæрæсейы Боны цытæн гом регионалон турниры тхэквондойæ. Уый тыххæй Sputnik-æн фехъусын кодта клубы президент Гуыцмæзты Валерий.

"Ерысты фæстиуджытæм гæсгæ, дыккаг бынæттæ бацахстой Гуыззыттаты Бимболат æмæ Танделаты Барсæг, иу къахдзæф фæфæстиат Коцты Артур. Нæ спорстментæ ацыдысты тхэквондойы Федерацийы президент Ходты Асланимæ æмæ йæ хъомылгæнинæгтимæ Цæгат Ирыстоны командæйы сконды", - банысан кодта Гуыцмæзты Валерий.

Ерыстæ цыдысты Астраханы областы горæт Наримановы, хайад дзы райстой 300-йæ фылдæр спортсмены. Абоны бон хæстон дæсныйæдты клуб "Рухс сомбон"-ы ахуыр кæнынц 6-13 азты кары 120 ахуыргæнинаджы.