Хуссар Ирыстоны президент раарфæ кодта фæсивæдæн сæ бæрæгбоны цытæн

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 27 июн - Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан раарфæ кодта ирон фæсивæдæн сæ бæрæгбоны цытæн.

"Ирыстон алыхатдæр сæрыстыр уыд йæ фæсивæдæй – курдиатджын æмæ инициативон. Абон нæ фæсивæды минæвæрттæ службæ кæнынц сæрмагонд æфсæддон операцийы зонæйы, æвдисынц хъæбатырдзинады дæнццæг. Мах не ᾿ппæт дæр сæрыстыр стæм уыдонæй – сты сæ Фыдыбæстæйы патриоттæ æмæ цæттæ сты сæ нысаны сæрыл тох кæнын. Ахуыр кæнут, рæзут æмæ кусут уæхиуыл, тырнут профессионалон, монон æмæ сфæлдыстадон райрæзтмæ. Цыдæридддæр аразут, алцыдæр аразут зæрдæйæ. Уæлахиздзаутæ никуы руадзынц сæ къухтæ, æмæ йæ къухтæ чи ᾿руадзы, уый та никуы фæуæлахиз вæййы", - дзырдæуы президенты арфæйы ныхасы.

Афтæ ма республикæйы президент бахахх кодта, нæ фæсивæд кæй у æнтыстджын студентты æмæ фæсивæдон конкурсты, фестивалты, зонадон конференциты æмæ райсынц уæлдæр хорзæхтæ æхсæнадæмон спортивон ерысты дæр.