ЦХИНВАЛ, 27 июн - Sputnik. Уæрæсейы Федерацийы президент ралæууыд раныхасимæ комкоммæ эфиры къуырисæры изæры "Вагнер"-ы ᾿фсæддонты змæлды тыххæй.
"Шантаж æмæ мидæггагон змæст сцырын кæныны бафæлвæрд скъуыд æрцыд, гарзджын растад æнæмæнгæйдæр ссæст æрцыдаид, растады организатортæ гадзрахатæй рацыдысты семæ чи уыд, уыдоныл", - загъта Уæрæсейы къухдариуæггæнæг.
Президент банысан кодта "Вагнер"-ы хæстонтæ кæй сты Фыдыбæстæйы патриоттæ æмæ сæ спайда кодтой æвæндонæй, бузныджы ныхæстæ сын загъта сæ хъæбатырдзинады тыххæй æмæ банхъардта бафыссын контракттæ Хъахъхъæнынады министрадимæ.
Афтæ ма Путин раарфæ кодта Беларусы президент Лукашенкойæн, "Вагнер"-ы ᾿фсадимæ ситуацийы йын къух кæй сарæзта.