Нарты кадджытæ. Уырызмæг æмæ хæйрæджы хабар. Бæгæны куыд фæзынд. Фарнæг æмæ айгуыртæ

Sputnik
Уырызмæг иугæндзон хæтæнты хатти æмæ та-иуахæмы хæтæнтæй æрцæуы. Иу коммæ бахауди æмæ ком-донбылтыл рараст и. Йæ бæх иу бырцы цур йæ къæхтæ ныссагъта æмæ размæ нал цæуы.
Уырызмæг зæгъы:
- Размæ ацу, цы кæныс?
Бæх дзуры: - Мæ разы фæстæмæзæвæтджынтæй ис, æмæ сæ искæй куы фенон, уæд нæ фæндагæн тас у.
Уырызмæг бæхæй æрхызти, бырцæй акасти æмæ диссаг: Уырызмæджы хъуджы хæйрæг æрцахста, йæ фæдджытæй йын иу дæйы, иннæ æртæ фæдæджы та къæртамæ дуцы.
Уырызмæг ысмæсты. Бауади æмæ хæйрæджы йæ сæрыхъуынтæй рацахста. Хæйрæг ныцъцъæххаст ласта.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.