ЦХИНВАЛ, 28 июн - Sputnik. Белорусийы парламенты депутаттæ ратификаци скодтой Уæрæсеимæ бадзырд дыууæ бæстæйы æфсæддонты цæттæкæнынады иумæйаг ахуырадон-хæстон центрты арæзтады фæдыл, хъусын кæны Sputnik Беларуси.
"Ацы центрты хæслæвæрд уыдзæн иумæйаг æфсæддон цæттæкæнынад, хæстон рад хæссын, æндæр ахуырадон-хæстон хæстæ æххæст кæнын", - хъусын кæны агентад Белорусийы хъахъхъæнынады министр Виктор Хренины ныхæстæ.
Документ бафыстæуыд Минскы 2023 азы 28 марты. Бадзырд бæрæг кæны иумæйаг тренировкæ кæнæн центры арæзтад æмæ куысты фарстытæ, афтæ ма Уæрæсе æмæ Белорусийы хъахъхъæнынады министрадты æмархайды хæслæвæрдтæ æмæ фæтк.