ЦХИНВАЛ, 28 июн - Sputnik. Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты дæс æртыккагкурсоны бавнæлдтой практикæмæ республикæйы прокуратурæйы органты, хъусын кæны Генпрокуратурæйы пресс-службæ.
Истори æмæ юриспруденцийы факультеты студенттæ практикæ цæуынц уагдон æмæ университеты æхсæн бадзырдмæ гæсгæ.
Генпрокуратурæйы банысан кодтой, практикæйы рæстæджы студентты кæй базонгæ кæндзысты цæстдардон уагдоны куыстимæ, æндæр барадхъахъхъæнæг органтимæ æмархайды формæтимæ, уыдон райсдзысты процессуалон архайды практикон зонындзинæдтæ.
Практикæйæн разамынад дæтты Генпрокуратурæйы фыдракæндты фæдагуырд, оперативон-сгарæн архайд æмæ уголовон æфхæрдтæ æххæст кæнынмæ цæстдарды фæдыл фæткдаруаты хистæр Плиты Алан.
ХИПУ студенттæ райсдзысты куысты практикон фæлтæрддзинад Хуссар Иры прокуратурæйы органты
© Photo : Пресс-служба Генеральной прокуратуры РЮО