Хуссар Иры хъæууон хæдзарады министрæн снысан кодтой ног хæдивæджы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 28 июн - Sputnik, Козаты Диана. Хицауад сфидар кодта хъæууон хæдзарады министры фыццаг хæдивæджы кандидатурæ. Ацы бынатмæ снысан кодтой ахуыргонд-агроном, хъæууонхæдзарадон зонæдты кандидат Хъæцмæзты Джонийы.
Хъæууон хæдзарады министр Мæргъиты Алан банысан кодта, Хъæцмæзты Джони кæй фæцис Хæххон аграрон университеты "Агроном" дæсныйад, абоны боны онг куыста Паддзахадон æдасдзинады комитеты.
"Уырны мæ, хъæууонхæдзарадон къабазы райрæзты фæдыл нывæстытæ йæ æххуысы руаджы кæй райсдзысты уæлæмхасæн импульс æвæрццаг фæстиуæгæн", - загъта Мæргъиты Алан.
Хъæцмæзты Джоны баныфсæвæрдта, алцыдæр кæй араздзæн йæ хæслæвæрдтæ æххæст кæнынæн.