Цхинвалы хæдтулгæ ныццавта сывæллоны алвæндагыл

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 28 июн - Sputnik. Цхинвалы Плиты Иссæ æмæ Советон уынджы алвæндагыл хæдтулгæ ныццавта 7-аздзыд сывæллоны. Уый тыххæй хъусын кæны республикæйы Мидхъуыддæгты министрады (МХМ) пресс-службæ.
"ВАЗ-2114 хæдтулгæйы шофыр, Цхинвалы 23-аздзыд цæрæг ныццавта 7-аздзыд сывæллоны", - дзырдæуы хъусинаджы.
Сабийы бакодтой Республикон бирæпрофилон медицинон центрмæ "æхгæд сæргæхц-магъзы травмæ" диагнозимæ.
Цауы æууæлтæ бæрæг кæны Паддзахадон автоинспекци.