ЦХИНВАЛ, 29 июн — Sputnik. Криминалон милици æмæ Знауыры районы Мидхъуыддæгты хайады кусджытæ ссардтой хъæуы цæрæджы цæхæрадоны гæны фараст къутæры. Уый тыххæй хъусын кæны республикæйы барадхъахъхъæнæг уагдоны пресс-службæ.
Банысангонд æрцыд, наркотикон зайæгойтæ ссардæуыд оперативон-агуырдон мадзæлтты рæстæджы.
"Къутæртæ скалдтам æмæ æрвыст æрцыдысты басгæрстмæ МХМ экспертон-криминалистон центрмæ. Экспертизæ сбæлвырд кодта нартотикон буарад тетрагидроканнабинолы уæвынад зайæгойты мидæг", - дзырдæуы хъусинаджы.
Уагдоны ма бафтыдтой, къутæртæ разайыны бынаты нæй зилын æмæ сæрмагондæй байтауын æмæ рæзын кæныны фæдтæ.
Цауы фæдыл басгæрст уадзы МХМ.