Кабминæн æрбавдыстой ног къухдариуæггæнæджы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 3 июл - Sputnik. Хуссар Ирыстоны хицауады минæвар Джуссойты Константин базонгæ кодта коллективæн ног къухдариуæггæнæджы æмæ банысан кодта, фидарæй йæ кæй уырны Хъотайты Сæрмæты æрбацыдимæ уагдонады эффективондзинад кæй фæуæлдæр уыдзæн, хъусын кæны Кабмины пресс-службæ.
"Нæ нысан у иу – кусæм нæ республикæ æмæ æмбæстæгты хорзæхæн, æмæ алчидæр йæ бынаты хъуамæ йæ тыхтæ иууылдæр радта уый тыххæй", - бахахх кодта Джуссойты Константин.
Хъотайты Сæрмæт бузныджы ныхас загъта æмæ зæрдæ бавæрдта æппæт тыхтæ дæр дæр кæй ратдзæнис аппараты раз лæууæг хæслæвæрдтæ скъуыдздзаг кæнынæн.
Уый размæ 2022 азы июлæй хицауады аппараты къухдариуæггæнæгæй куыста Джуссойты Алан.