Æвзист æмæ бронзæйон майдантæ æрхастой хуссарирыстойнаг грепплертæ Махачкалайæ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 3 июл - Sputnik, Гæбæраты Элина. Хуссар Ирыстоны грепплертæ ссисты æхсæнадæмон турнир DCC Championship призертæ. Куыд радзырдта тренер Гобозты Эльбрус, командæ рамбылдта æвзист æмæ бронзæйон майдантæ.

"Дыккаг бынат ерысты бацахста Тыджыты Василий 66 кг уæзы категорийы. Ауагъта æртæ тохы, уыимæ иумæ финалон дæр. Финалы спортсмен афæллад, уый тыххæй тохы фæуæлахиз ис йæ ныхмæлæууæг. Фидарæй мæ бон у зæгъын, техникон æмæ физикон æгъдауæй Василий йæ ныхмæлæууæгæй у хуыздæр", - банысан кодта тренер.

Ноджы иу спорсмен – Пæрæстаты Олег бацахста æртыккаг бынат. Уый ссис тыхджын конкурент йæ ныхмæлæууæгæн ацы турниры. Тренеры ныхасмæ гæсгæ, спорсменыл 19 азы йеддæмæ нæ цæуы æмæ нырма лæууы стыр спорты фæндаджы райдианы.
Турнир ацыд Дагъистаны, хайад дзы истой Уæрæсе æмæ æндæр паддзахадтæй 300 спорсменæй фылдæр.