ЦХИНВАЛ, 4 июл — Sputnik. Хуссар Ирыстоны ацыд республикæйы уæлвæткон уавæрты министрады сæрмагонд арæзтты ахуырадон-методикон æмбырдты цытджын мадзал.
Куыд банысан кодта УУМ сæргълæууæг генерал-лейтенант Гассеты Ибрагим, афтæмæй алкæцы кусæг дæр хъуамæ йæ бæрндзинад хата йæ адæмы раз уæлвæткон уавæрты республикæйы цæрджыты хъахъхъæнгæйæ.
"Дарддæр махæн хъæуы кусын сидты æмæ уагдонады раз лæууæг хæслæвæрдтыл оперативонæй реакци кæныны бæрæггæнæнтæ фæуæлдæр кæныныл. Бузныг уын Хуссар Ирыстоны адæмæн кæй лæггад кæнут", - загъта министр.
Ахуыртæ цæудзысты цыппар этапы 18 боны дæргъы. Хайад дзы исдзæн республикæйы зынгсивæрзтон-ирвæзынгæнæн гарнизоны сæрмагонд арæзт æнæхъæнæй.