Гаглойты Алан раарфæ кодта Мадуройæн Венесуэлæйы хæдбардзинады Боны цытæн

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 5 июл - Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан раарфæ кодта Венесуэлæйы президент Николас Мадуройæн æмæ æппæт венесуэлæйаг адæмæн республикæйы хæдбардзинады Боны цытæн, хъусын кæны паддзахады сæргълæууæджы пресс-службæ.
"Нысаниуæгджын бон 1811 азы 5 июль бацыд дунейы историмæ куыд историон рæстдзинады цыты бон – Венесуэлæ райста дæргъвæтин рæстæджы кæмæ æнхъæлмæ каст, уыцы хæдбардзинад", - загъта республикæйы сæргълæууæг.
Хуссар Ирыстоны президент загъта бузныджы ныхас йæ коллегæйæн, Венесуэлæ кæй банымадта Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад æмæ республикæйæн фарсхæцæг кæй уыд æхсæнадæмон аренæйы.