Фӕндагон службӕтӕ æххæст кӕнынц хӕрзарӕзтадон куыстытæ республикон трассӕ Цхинвал-Знауыр

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 6 июл Sputnik, Плиты Фатимӕ. Автомобилон фӕндӕгты арӕзтады комитеты кусджытӕ кусынц республикон трассӕ Цхинвал-Знауыры хӕрзарӕзтадыл, фехъусын кодта Sputnik комитеты сæгълæууæг Гӕбӕраты Алан.
"Ауагътам фӕндагон дихгӕнӕг таг, нысан ӕрцыдысты фистӕгӕй цӕуджыты рахизӕнтӕ, сӕвӕрдтам 300 метры былгӕрон ӕмбондтӕ фӕндаджы иууыл тӕссагдӕр бынæтты. Уымӕй дардӕр фӕндаггӕрӕтты кӕрдынц кæрдæг ӕмӕ ӕфснайынц", - загъта Гӕбӕраты Алан.
Цхинвал-Знауыры трассӕ эксплуатацимӕ лӕвӕрд ӕрцыд 2012 азы арӕзтад цыд Дорэкспостроййы тыхтӕй. 33 километры дæргъ трассӕ бӕтты республикӕйы столицӕ районон центр ӕмӕ 30 хъӕуы.