Хуссар Ирыстоны депутат бахаста ног хъæппæрис

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 6 июл – Sputnik. Экономикæ, чысыл амалиуæгдарад æмæ хъæууон хæдзарады парламентон Комитеты сæргълæууæг Тъехты Алан банхъардта, цæмæй Хуссар Ирыстоны закъондæттæг орган официалонæй бадзура Беларусмæ республикæйы хæдбардзинад банымайыны тыххæй.
"Махæн ис фадат, кæд æмæ раздæр сæ разы уыд ныхдуртæ, политикон фæстиуджытæ, уыдонимæ иумæ санкцитæ, уæд уыдон абон нырид сты. Республикæйы ФХМ нæхирдыгæй хъуамæ бадзура сæхи линийæ ацы фарстайы фæдыл", - загъта уый.
Парламенты спикер Æлборты Алан ацы фарста барвыста профилон комитеты сæрдар Дриаты Зазамæ, цæмæ йыл дарддæр бакуса.