ЦХИНВАЛ, 7 июл Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны мӕйы ӕмгъуыдмӕ ӕрӕвналдзысты Ерцъо-Синагуры трассӕйы иу хай асфальт кӕнынмӕ, ныридӕгӕн аразджытӕ раст кӕнынц фӕндаг, фехъусын кодта журналисттӕн фӕндагарӕзтады комитеты прораб Хуыгаты Эрик.
Ерцъо-Синагур иу кӕны Къуыдаргомы сӕйраг трассӕйы Синагуры комимӕ. Ацы фарс ис авд хъӕуы: Синагур, Карзман, Теделет, Цъон, Жалабет, Хахет ӕмӕ Чысыл Переу.
"Нӕ тых радтам Ерцъойӕ Синагуры 'рдӕм фӕндагмӕ. Йӕ дӕргъ у 8 километры. Техникӕйӕ стӕм ӕххӕст, кусы авд экскаватор ӕмӕ ноджы фылдӕр КаМАЗтӕ. Мӕйы ӕмгъуыдмӕ райдайдзыстӕм фӕндаг асфальт кӕнын", - загъта Хуыгаты Эрик.
Фæндаг Ерцъо-Синагур арӕзт цӕуы Инвестицион нывӕзты фӕлгӕтты. Куыстытӕ ӕххӕст цӕудзысты 2023 ӕмӕ 2024 ӕзты. Проекты аргъ у 560 милуан сомы.