Коцойты Арсен.Уацмыстæ

КОЦОЙТЫ АРСЕН. УАЦМЫСТÆ. ФÆКÆС-МА, АУЫЗБИ! ХÆЛÆГОЙ

Sputnik
— Нæ мæ фæнды скъоламæ цæуын,— загъта Тебо, йæ чингуытæ зæхмæ аппаргæйæ. Йæ худ йæ сæрæй фелвæста æмæ уый дæр чингуытыл ныццавта. Сындæггай йæ дзыппæй сласта бапъерозты къопп, иу дзы систа æмæ йæ къухæй æууæрды. — Знон æртæ сомы æмæ æхсæз суарийы рамбылдтон... Спичкæтæ дæм нæй? Йæ разы лæууыди йе ’мбал Ауызби æмæ цыбæл каст кодта Тебойы бапъерозмæ. — Авæр мын иу бапъероз æмæ дын ратдзынæн спичкæ. Ссыгътой дыууæ лæппуйы бапъерозтæ æмæ дымынц. Тебойыл цæуы иуæндæс азы, Ауызбийыл та дæс азы. — Мæн дæр нæ фæнды скъоламæ цæуын, — загъта Ауызби. Тебо йæ худ йæ сæрыл асагъта, чингуытæ йæ дæлармы акодта æмæ загъта: — Цом фаллаг фарсмæ, — уым афонмæ сæ тæккæ хъазгæйæ сты æхцайæ.
***
Царди-уыди иу лæг, йæ ном Хæлæгой. Цы зæгъын æй хъæуы, уыцы ном ыл, куы райгуырд, уæд нæ сæвæрдтой, — чи сæвæрдзæн йæ сывæллоныл фидисы ном! Нæ, уый йын уыди æрæфтгæ ном, адæм ын æй саккаг кодтой, æмæ йыл фидаугæ дæр кодта, йæхæдæг дæр ыл сахуыр ис, искуы йын æндæр ном уыди, уый йæ рох дæр фæци. Хæлæгой уыди хæлæггæнаг. Искæмæ-иу дзæбæх дзаума, дзæбæх фос куы федта, йæхимæ чи нæ уыди, ахæм, уæд-иу хæлæгæй фæцæймард æмæ-иу архайын байдыдта, исты амалæй йæхирдыгæй цæмæй фæуа, ууыл. Уый йын куы нæ æнтысти, уæд-иу æнцой нал зыдта. Иу хатт Хæлæгой иу хъæуы федта диссаджы сираг бæх. Уымæн барæг йæ уæлæ змæлгæ нæ кодта, ихыл бырæгау тахти размæ. Хæлæгойæн дзы йæ цæстытæ баззадысты, æдзух йæ хъуыдытæ уыдысты уый тыххæй, æхсæв-иу æй фыны дæр уыдта.