Цхинвалы цæрæг хæдзары æрцыд газы срæмыгъд, зиан баййæфта иу адæймаг

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 10 июл - Sputnik. Цхинвалы сæрмагонд хæдзары цардуагон газы срæмыгъды фæтиуæгæн зиан баййæфта иу адæймаг. Зианбаййафæджы буары сыгъдтимæ баластой РБМЦ-мæ.

"Цауы бынатмæ рацыд МХМ фæдагуырдон-оперативон къорд, кæцы рабæрæг кодта, цардуагон газы срæмыгъд кæй æрцыд сæрдыгон къæбицы", - дзырдæуы Хуссар Ирыстоны МХМ хъусинаджы.

Ныртæккæ æрцæугæ цауы ахоссæгтæ бæрæггонд цæуынц.