Уæрæсейы Генштабы хистæрæн радзырдтой УГТ ракетон атакæ аиуварс кæныны тыххæй

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 10 июл - Sputnik. Киевы режим фæнд кодта атакæ скæнын Уæрæсейы территори С-200 ракетæтæй, уыдонæй дыууæ скуынæг кодтой уæлдæфон хъахъхъæнынады фæрæзтæ, ноджы дыууæ та айстой сæ нысанæй радиоэлектронон тохы фæрæзтæ. Уый тыххæй Уæрæсейы Гарзджын тыхты Генштабы хистæр Валерий Герасимовæн радзырдта Уæлдæфон-космикон тыхты сæйраг штабы хистæр Виктор Афзалов, хъусын кæны РИА Новости.
"Фарастæм июлы Киевы режим бафæлвæрдта скуынæг кæнын объекттæ Хъырымы, Ростовы æмæ Калугайы областты зенитон ракетæ С-200-йæ", - дзырдæуы Афзаловы доклады.
Дыууæ ракетæйы дыууæ скуынæг кодтой уæлдæфон хъахъхъæнынады фæрæзтæ, ноджы дыууæ та айстой сæ нысанæй радиоэлектронон тохы фæрæзтæ.. Зианбаййафджытæ æмæ фехæлдтæ нæй.