ЦХИНВАЛ, 11 июл - Sputnik. Хуссар Ирыстоны аргъ кæнынц Уæрæсейы экономикон райрæзты министрады сæргълæууæг Максим Решетниковы ахаст æмæ цымыдисæн республикæйы социалон-экономикон райрæзтмæ. Уый тыххæй дзырдæуы РХИ президент Гаглойты Аланы арфæйы ныхасы Уæрæсейы экономикæйы Министрады сæргълæууæгæн йæ райгуырæнбоны цытæн.
"Хуссар Ирыстоны аргъ кæнынц Дæ цæстдарон ахаст æмæ дыууæварсон æмгуыстады тыххæй. Бузныг зæгъын нæ республикæйы социалон-экономикон райрæзтмæ цы тыхтæ радтай, уыдоны тыххæй. Ныфс нæ ис, дæ хайадистæй нæ дыууæ паддзахады ᾿хсæн æмахастытæ дарддæр дæр æнтысджынæй райрæздзысты цæдис æмæ интеграцийы фæлгæтты", - дзырдæуы арфæйы ныхасы.
Паддзахады сæргълæууæг банысан кодта, Уæрæсейы экономикон райрæзты министры бæрзонд бынаты кусгæйæ, Решетниковæн бантыст профессионалон фæлтæрддзинад фæфылдæр кæнын, æмæ уый ахъаз уыдзæн дарддæры стабилон æмæ эффективон куыстæн.