Гаглойты Алан раарфӕ кодта Николай Патрушевӕн йӕ райгуырӕн боны цытӕн

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 11 июл - Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан раарфӕ кодта Уӕрӕсейы Ӕдасдзинады советы секретарь Николай Патрушевӕн йӕ райгуырӕн боны цытӕн, хъусын кӕны паддзахады сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ.
"Бирӕ азты дӕргъы Ды лӕууыдтӕ ахсджиаг паддзахадон уагдон – Федералон ӕдасдзинады службӕйы сӕргъ, ӕмӕ абон та, Уӕрӕсейы Федерацийы Ӕдасдзинады Секретарь уӕвгӕйӕ Ды стыр хайбавӕрд хӕссыс паддзахадон хӕслӕвӕрдтӕ скъуыддзаг кӕнынмӕ. Дӕуӕн, куыд ӕцӕг патриотӕн, сӕйраг у Уӕрӕсейӕн службӕ кӕнын", - дзырдӕуы арфӕйы телы.
Президент фидарӕй загъта, бӕрзонд профессионализм, иузӕрдыгдзинад хъуыддагмӕ дарддӕр ӕххуыс кӕндзысты Николай Патрушевӕн йӕ архайды Уӕрӕсейы хӕрзӕбонӕн.