Хуссар Иры хицауад баххуыс кæндзæн финансон фæрæзтæй æрдзытыхæй цыппар зианбаййафæгæн

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 12 июл - Sputnik, Дзæгъиаты Олег. Хуссар Ирыстоны хицауад баххуыс кæндзæн республикæйы цыппар цæрæгæн финансон фæрæзтæй, уыдонæн сæ исбон зиан баййæфта æрдзытыхон азарæй.
Кабмин рахаста скъуыдздзаг рахицæн кæнын фæрæзтæ зианбаййафджытæн Резервон фондæй. Раздæр Хуссар Ирыстоны хицауад баххуыс кодта материалон æгъдауæй Цхинвалы æмæ Дзауы районы цæрджытæ - зынгсивæрзтæй зианбаййафæг Хъæцмæзты Руслан æмæ Тедеты Людвигæн. Сæ исбонæн зиан æрхастой 2022 азы зынгсивæрзтытæ. Хицауад рахаста уынаффæ рахицæн кæнын æмбæстæгтæн фæйнæ 100 мин сомы.