Ног фӕзуат сывӕллӕтӕн сӕвӕрдзысты Къуаисайы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 12 июл – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Мӕйы ӕмгъуыдмӕ сывӕллӕтты фӕзуаты ифтонгад самал кӕндзысты Къуаисайӕн, уый тыххӕй Къуыдаргомы цӕрджытимӕ фембылды рӕстӕджы радзырдта президент Гаглойты Алан.
"Мах балхӕдтам сывӕллӕттӕн фӕзуат, мӕйы ӕмгъуыдмӕ йӕ райсдзыстӕм. Бацархайдзыстӕм хӕрзгъӕд ифтонгад самал кӕнын, цӕмӕй сабитӕн ацы къуым бирӕ фӕллӕуа", - загъта президент.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, хицауад ма фӕкӕсдзӕн горӕты спортивон зал ифтонгадӕй баххӕст кӕнынмӕ.