ЦХИНВАЛ, 12 июл – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Микрорайонтӕ Мӕскуыйаг ӕмӕ БАМ, стӕй ма 8-ӕм июны донифтонгад сног кӕндзысты ӕртыццӕджы изӕры, фехъусын кодта Sputnik-ӕн "Водоканал"-ы хистӕр Сиукъаты Иван.
Столицӕйы цӕгаттаг фарс ӕртыццӕджы баззад ӕнӕ донӕй.
"Куыстытӕ цӕуынц донифтонгады хахх ног хӕтӕлмӕ баиу кӕныныл. Дон ӕнӕ ахицӕн кӕнынӕй куыстытӕн саразӕн нӕй. Изӕры фондз сахатыл донифтонгад баиу кӕндзыстӕм", - загъта уый.
Хуссар Ирыстоны столицӕ ифтонг цӕуы дыууӕ хаххӕй - Едыс-Цхинвал ӕмӕ Уанат Цхинвал.