Украинæйæгты нæ фæнды ныхмæ лæууын Уæрæсейæн æмæ цæуын сæ горæттæй – æрфарсты хатдзæгтæ

Sputnik
Æфсæддон уавæр сæндыгъды рæстæджы украинæйæгтæ сæ горæттæй нæ ацæудзысты, фæлæ Украинæйы Гарзджын тыхты скондмæ дæр нæ бахиздзысты – ахæм æмæ æндæр хатдзæгтæ райстой америкæйаг иртасджытæ
Sputnik
Украинæйаг социалогон къорд "Рейтинг" июны кæрæтты ауагъта Украинæйы контролы бын горæтты цæрджыты зæрдæйы уагы иртæст. Ацы мадзал заказчик уыд америкæйаг æнæкоммерцион организаци "Æхсæнадæмон республикон институт" (International Republican Institute, IRI).
Украинæйы æмбæстæгты фылдæр хайы хæдзæрттæ нæ бахъыгдард сты сæрмагонд æфсæддон операцийы рæстæджы, цæрджытæ нæ фæнд кæнынц бахизын Украинæйы Гарзджын тыхты (УГТ) скондмæ æндыгъд уавæры рæстæджы, афтæ ма нæ нывæндынц ныууадзын сæ хæдзæрттæ. Лæмбынæгдæр иртæсты хатдзæгты тыххæй Sputnik æрмæджы.

Нæ сæ фæнды ныхмæ лæууын

Украинæйаг социалогон къорд "Рейтинг" америкæйаг æнæкоммерцион организаци IRI-йы заказæй æмæ USAID финансон æххуысы фæрцы ауагъта æмбæстæгты æрфарст, кæцытæ иудадзыг цæрынц Украинæйы контролы бын 21 горæты.
Иртасты фæлгæтты æрфасртой 16,8 мин адæймагæй фылдæр.
УГТ рæнхъытæм бахизын æмæ уæрæсейаг æфсæдтæн ныхмæ лæууын цæтт сты цъус адæм, иууыл бæрзонддæр хатдзæгтæ (14-17%) сты Украинæйы ныгуылæн горæтты.
Харьковы æмбæстæгты æхсæн та УГТ скондмæ бахизын фæнды æрмæстдæр 6%, Одесса, Чернигов æмæ Запорожьейы – 8%, Николаевы – 9%.
Планы граждан Украины на случай обострения военной обстановки
Сколько граждан Украины готовы вступить в ВСУ в случае обострения ситуации
Америкæйæгты æхцатæй ауадзгæ иртæстыты фæстиуджытæ æмхуызон не сты бæрæггæнæнтимæ, кæцытæ парахат кæны украинæйаг пропогандæ.
Данные опроса, распространяемые в СМИ

Уæрæсе æхсы цæрæг хæдзæрттæ æви нæ?

Цымыдисон дзуаппытæ радтой 21 горæты цæрджытæ бахъыгдард сæ цæрæнуат хæсты рæстæджы æви нæ.
Данные опроса, распространяемые в СМИ
Цæрджыты фылдæр хай загътой, сæ цæрæнуат кæй нæ бахъыгдард сæрмагонд æфсæддон операцийы рæстæджы. Æмбæлон дзуаппытæ радтой респондентты 94 – 100% 18 горæты 21-æй, Николаевы – 73%, Черниговы – 66%, Харьковы – 60%.
Николаевы 20% цæрджытæн, сæ хæдзæрттæ растой "чысыл" зиан. Ахæм уавæр ис Черниговы цæрджытæн æмæ Харьковы цæрджыты 30%.

Æнахуыр дзуаппытæ эмиграцийы фæдыл

Цæрджыты фылдæр хай банысан кодтой, кæй сын нæй æввахс хæстæджытæ, кæцытæ ацыдысты Украинæйæ фæсарæнтæм хæстон архæйдтыты райдианы фæстæ – 49-72% загътой, сæ бинонты уæнгтæ кæй нæ ацыдысты Украинæйы æндæр областтæм дæр, фæлæ баззадысты сæ горæтты.
В каких странах больше всего украинских беженцев?
Цымыдисон ма уый у, æмæ Украинæйы æмбæстæгтæй, кæцытæ ацыдысты фæсарæнтæм, æрмæстдæр 1-4% ацыдысты Уæрæсемæ.
Уыимæ иумæ ИНО дзурынц 6,33 милуан украинæйаг лигъдоныл æппæт дунейы, уыдонæй 1,28 милуан адæймаджы ома ацыдысты Уæрæсемæю