ЦХИНВАЛ, 17 июл - Sputnik. Хуссар Ирыстоны депутаттæ æмæ парламенты аппарат ауагътой зиу Цхинвалы районы Тиры Монастеры территорийыл, хъусын кæны къуырисæры закъондæттæг органы пресс-службæ.
Парламенты банысан кодтой, кæй рахастой уынаффæ культон агъуысты территоримæ æркæсын.
Зиуы рæстæджы скалдтой бахизæны къутæртæ, бахсæстой хус бæлæстæ, æркарстой кæрдæг æмæ ссыгъдæг кодтой асинтæ - быронкалæн хæдтулгæ æнæхъæнæй байдзаг.