ЦХИНВАЛ, 17 июл - Sputnik. Хуссар Ирыстоны ивгъуыд къуыри æрцыд фондз фæндагон-транспортон цауы, кæцыты фæстиуæгæн бахъыгдард сты фондз адæймаджы, хъусын кæны республикæйы Мидхъуыддæгты министрады (МХМ) пресс-службæ.
Афтæ ма Паддзахадон автоинспекцийы кусджытæ сбæрæг кодтой фæндагон змæлды 265 фæткхалды, 17 шофыры фæдыл та сарæзтой административон протоколтæ автотранспорт нозтджынæй скъæрыны тыххæй, банысан кодтой министрады.
МХМ информацимæ гæсгæ, къуырийы дæргъы республикæйы территорийыл регистрацигонд æрцыд дыууæ фыдракæнды, кæцытæ раргом кодтой мидхъуыддæгты органтæ, алыхуызон æхсæнадон фæткхæлдты тыххæй та милицийы кусджытæ æрурæдтой фараст адæймаджы.